Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Воскресенье, 25.12.2011, 12:37
 
Главная-СВЕЖИЙ НОМЕР
Мой профиль Выход
Вы вошли как mvestnik · Группа "Администраторы" · RSS
Категории раздела
НОВОСТИ
В АДМИНИСТРАЦИИ РАЙОНА
КУЛЬТУРА
«СЕМЬЯ»
ИЗ ПОЧТЫ «МВ»
ЭКОНОМИКА
СЕЛЬСКАЯ ЖИЗНЬ
ПРАВООХРАНИТЕЛЬНЫЕ ОРГАНЫ
«ВАШЕ ЗДОРОВЬЕ»
ОБЩЕСТВО
ЖКХ
СПОРТ
ВОПРОС - ОТВЕТ
«ТЕРСКАЯ КОЛОВЕРТЬ»
«МОЛОДЕЖНАЯ ТУСОВКА»
«КРИМИНАЛЬНЫЙ РЕПОРТЕР»
«ВРЕМЯ, СОБЫТИЯ, ДОКУМЕНТЫ»
ЗДРАВООХРАНЕНИЕ
ОБРАЗОВАНИЕ
ЛИТЕРАТУРНАЯ СТРАНИЦА
ГЛАС НАРОДА
ИРОН
"ЕДИНАЯ РОССИЯ"
РЕСПУБЛИКА: ДЕНЬ ЗА ДНЕМ

Мини-чат
Статистика
Форма входа
E-mail:
Пароль:
 
Главная » 2012 » Январь » 12 » СЫГЪЗÆРИН РÆСТÆГ
0
09:12
СЫГЪЗÆРИН РÆСТÆГ
«…КÆД МÆ АБОН НÆ БАФÆРСИД»

Цыма ныхас бакодтой, уыйау мæм иуцалдæрæй, семæ ма ре-дакцийæ Дулаты Кæлимæт дæр, телефонæй æрбадзырдтой, ныф-фысс, дам, ма Ног азмæ исты хъæлдзæг уацхъуыд. Æмæ æз дæр сфæнд кодтон: цæй æмæ скъолайы ахуыр кæныны заманæй иу-дыууæ боны кой ракæнон – уыцы рæстæджы скъуыддзагæй адд-жындæр нæй.
…Уыдысты Джидзæлаты Владимир Лазаревичы уроктæ: фыццаг – геометри, дыккаг – алгебрæ. Ахуыргæнæг радыгæй фæйнæгмæ кæны ме `мкъласонты, фæлæ сæ иу дæр теоремæ нæ сахуыр код-та. Æз та мæ зæрдæ дардтон, кæд мæ абон нæ бафæрсид, зæгъгæ, уымæн æмæ мæ знон бафарста. Гъемæ сихорæй изæрмæ, нæ цæхæрадоны цы бæрзонд æвæрд халагъуд (вышка) уыд, уым библиотекæйæ ист чиныг фæкастæн.
Мæ уды быцъынæг тонын, кæд исчи радзурид хæдзармæ хæслæвæрд æмæ урок фæуид, зæгъгæ, фæлæ кæм ис ахæм амонд мæгуыр лæджы! Хъусын Владимир Лазаревичы хъæлæс: «Кларæ, рацу ды фæйнæджы цурмæ». Раст мыл цыма фыцгæ дон æрбакалд-æуыд, уыйау фæдæн, мæ зæрдæ йæхи къултыл схоста. Ноджы ма йæ ныхасыл куы бафтыдта: «Кларæ арт у, арт, рацу-ма æмæ сын байгом кæн сæ хъустæ».
Рацыдтæн, уæдæ цы кодтаин, фæлæ, кæй зыдтон, уыдон дæр сæр нал ахсы. Ахуыргæнæг мæм фæрсæджы каст æрбакодта, арф ныуулæфыд æмæ мæ фæрсы:
- Рынчын мыййаг нæ дæ?
- Нæ, - зæгъын, - райсомæй дзæбæхæй рабадтæн.
- Уæдæ хуыздæр цæуыл хъуыды кодтай?
- Кæй бакастæн, уыцы чиныгыл, - æмæ йын радзырдтон мæ хабар.
Ныр кълас худæгæй мæлы. Ахуыр-гæнæг дæр ныххудт. Йæ къухы ручкæ, афтæмæй стъолы размæ бацыд. Мæхинымæр хъуыды кæнын: «Ныртæккæ мын «2» сæвæрдзæн». Цыма мæ нозт ссыд, уыйау цымыдисæй кæсын Владимир Лазаревичы къухмæ - цыдæртæ куыд фыссы, уымæ (ауыдтон дзы стъæлфытæ). Стæй мæм уæд æрбакаст, йæ къух рæвдаугæ ме уæхскыл авæрдта æмæ мæм дзу-ры:
- Ацу æмæ сбад. Чингуытæ дæр кæсынæн уагъд сты, фæлæ урокты дæр рох кæнын нæ хъæуы.
Дыккаг урокмæ – алгебрæмæ – уыдтæн цæттæ. Ахуыргæнæг партæты рæнхъытыл цыд æмæ касти хæдзармæ лæвæрд куыстытæм. Махмæ куы `рбахæццæ (мæ хоимæ иу къласы бадтыстæм – чин-гуытæн-иу мамæмæ æхца нæ уыд, æмæ нæ иу къласы уый тыххæй сбадын кодтой), уæд дзуры:
- Лидæ, адон отрицательный степентæ куы сты, уæд сæ кæцæй райстай, мах уыдон куы нæма цыдыстæм.
Æмæ йын мæ хо афтæ:
- Цæй, Сталин дæр ма куы фæрæдыд.
Ахуыргæнæг сырх-сырхид афæлдæхт, чызгмæ фæлæбурдта æмæ йæ дуары æдде фæкодта, стæй мæнмæ бацыд загъдгæнгæйæ:
-Бакæс-ма уымæ, Сталиныл дзы йæхи чи нæ абары! – нæ партæйыл чингуытæ амбырд кодта æмæ сæ йе стъолмæ баппарæгау кодта.
Уыцы бон æз катай кодтон – иуæй чингуытыл, иннæмæй та Лидæйæн тæригъæд кодтон: фыртæссæй, мæгуыр, йæ цæсты ур-сытæ фæзындысты.
Æртыккаг урок уыди биологи. Æдде арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой. Ахуыргæнæг (кæсгон уыд) къæртт кодта хæфс. Бадзырдта нæм, цæмæй хæстæгдæр бацыдаиккам стъолмæ. Лидæ нæ бакуымдта (тæригъæд кодта цæрæгойæн, стæй тæрсгæ дæр). Æмæ йæ ахуыргæнæг урокæй ратардта. Æз Лидæйæн фыртæригъæдæй кæуын райдыдтон. Уæд мæм ахуыргæнæг дзуры:
- Что, дождю помогаешь?
Дыккаг бон Владимир Лазаревич Лидæйы æрбауагъта, мæн та фæйнæгмæ ракодта, æмæ, æппæт фарстатæн дæр дзуаппытæ куы радтон, уæд Лидæмæ дзуры:
- Гъы, Лидæ, ай та Ленин у?
Кæй зæгъын æй хъæуы, урочы æрдæг худгæйæ аивгъуыдта.
Æртыккаг урок уыд немыцаг æвзаг. (Æз немыцаг æвзагæй ме сæфт уыдтон, хæсты фæстæ æнад уыд адæмæн). Уыцы бон нæм директор бадт (стъолы цур). Ахуыр-гæнæг та лæугæ кодта. Дзуры мæм:
- Клара, коман ди Таффель! («Фæйнæджы цурмæ рацу!»)
Рацыдтæн, бакастæн хæдзармæ лæвæрд куыст (фыстыты сæрмæ уыд тæлмац уырыссагау, цы кæсын æй хъуыд). Фæлæ мын ахуыргæнæг чиныг сæхгæнын кодта æмæ мæм фарстатæ дæтты:
- Как будет «часы» по-немецки?
Æз ын загътон:
-«Ди Ур».
- Хорошо. А как будет «будильник»?
Уыцы хъуыды кæнын, къласмæ мæ сæр раиваз-баиваз кæнын, фæлæ, цыма гæккуыритæ аныхъуырдтой, уыйау иу дæр нæ базмæлыд мæнырдæм. Мæ бон сæ куы базыдтон, уæд загътон:
- «Дас Будильник», - æмæ мæхи бабын кодтон.
Урок фехæлд къласы худтæй. Директор газет касти æмæ йæ худын нæ хъуыст, фæлæ уымæн æвдисæн уыди, газет йæ къухы куыд зыр-зыр кодта, уый.
Уæдæй суанг 20 азы кармæ дæр «Дас Будильник»-æй баз-задтæн.
Сымах та Ног азы хорзæх уæд, хъæлдзæг, æнæниз, æнæмаст, æнæфыдбылызæй уыл цæуæнт уæ бонтæ!
ГАСИТЫ Кларæ.
(О незабываемых школьных годах).
Категория: ИРОН | Просмотров: 34 | Добавил: mvestnik | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email:
Код *:
Copyright MyCorp © 2012
Поиск
Календарь
«  Январь 2012  »
ПнВтСрЧтПтСбВс
      1
2345678
9101112131415
16171819202122
23242526272829
3031
Архив записей
Погода в Моздоке
Конструктор сайтов - uCoz