УÆЛАХИЗЫ БОНМÆ
ÆЛБОРТЫ Мулдар
Ирыстон, Ирон лæг дзыллæтимæ иумæ Фидарæй радтой ызнагæн ныхкъуырд. Ыстырæй-чысылæй фæцыдысты тохмæ, Фашистон Германæн ныссастой йæ тых. Хæсты быдырæн йæ тæккæ цæхæры Уыдысты æхсарджын, хъæбатыр, уæндон. Æмдыхæй сæ риутæй ныссастой ызнæгты, Уыдысты хъаруджын, цæнгæтау – æндон. Сæ удтæ мæлæтмæ нывондæн лæвæрдтой, Фыдызæххæй бахордтой Хуыцауы раз ард, Кæстæртæн сæ номыл рæсугъд цард æрхастой – Уæлахиз, сæрибар, сабырад `мæ кад! Ыстыр сау фыдхæсты сæ сæртæ ныууагътой, Сæ тугæй ныффыстой фыдæлты фæдзæхст: Хуссар `мæ Цæгатварс - Кавказæн йæ хæхтыл - Кæй уыдис Ирыстонæн иугонд сæ зæхх. Чи нæ æрыздæхтис хæсты быдырæй, Чи нал ис не `хсæн хæстон лæгæй ныр, Уыдоны хъæбатыр, æвзыгъд `мæ лæгдзинад Æрцыдис историйы фидарæй фыст. Рухсаг уæд гъеныр æнустæм сæ бынат! Сæ фарн æмæ намыс дунетæм цæрæнт! Сæ цытджын, хъайтар æмæ кадджын бæрзонд ном Мыккагмæ кæстæртæ уæзданæй хæссæнт. Нæ Иры фæсивæд, æрлæууæм æнгомдæр, Фидыд `мæ хæларæй, цæй, сисæм нæ зард, Цæмæй нын Ирыстон дыууæ дихы ма уа, Цæмæй уа нæ фидæн, нæ сомбон æмзонд! Мæ бæллиц, мæ хъысмæт, фыдызæхх, дæуыл у. Дæ номдзыд хъайтартыл нæ зарæг хъуысæд. Нæ адæм, нæ хæхтæ, - уæ бакаст хæрзконд у, Уадз, калæд тæмæнтæ рæсугъдæй уæ цард! Ирыстон, фæнды мæ, цæмæй дын дæ фидæн Мæ зардæй ысрухс кæнон æз Æмæ дын дæ хъæдгом, рыст зæрдæ æнустæм Рæвдауынæн арон фæрæз. Ирон лæппу Ирæн кæдфæнды дæр `хсар у. Ирон чызг та – кадгæнæг, `гъдаудæттæг уæд! Æмæ нын сæ цинæй æдзухдæр нæ хæхтæ Сæрбæрзондæй дардыл, дунетыл кæсæнт!
|