ГАСИТЫ Кларæ
СЫМАХ МА БАХЪÆУÆД СУРЫН!
Карк бирæ рауагъта цъиутæ, Йæ зæрдæ буц сæ уыд, рæвдыд, Уыдысты саутæ æмæ буртæ, Фæлæ сыл нæ бацин кодта фыд. Цъиу-цъиугæнгæ сæ ныууагъта, Æндæр кæрчытæм бафтыд стæй, Кæуыл-иу йæ базыртæ сцагъта, Кæмæн-иу азарыд хъæрæй. Зилдух сæ алфамблай кодта, Кæмæ ныдздзагъуыр кодта цæст, Кæмæн йæ базыртæй хахх кодта, Йæ цъиуты нæ мысыд уый æрмæст. Карк та йæ цъиуты фæдыл згъордта, Сæ нымæц бырынкъæй зыдта, Йæ базыры бын сæ æхсæв кодта, Бон та сæ хизынмæ хуыдта. Хъæрццыгъа сæм хæстæг нæ уагъта, Тохы-иу бацыдис уый йемæ! Фыртыхстæй-иу йæхицæн загъта: «Бæргæ, сæ фыд куы уаид немæ!». Рацыд сыл бонтæ æмæ азтæ, Фæзынд кæддæр-уæддæр сæ фыд: «Сымах схъомылмæ æз кастæн, Сымахæй хъуамæ уон рæвдыд!». Йæ базыртæ йæ фæдыл ласта, Йæ рæсугъд къоппа дæр æрхауд, Кæйдæр кæрчытæм йæ фæллой хаста, Ныр та йæ бахъуыди æгъдау! Мад дзуры цъиутæм: «Мæнæ, мæ хуртæ, Сымахмæ æрбацыдис уæ фыд!». Уыдон дын æй сæ разæй сургæ, Сæ мадмæ дзурынц: «Нырмæ кæм уыд?!». Рæзгæ фæлтæр, сымахмæ дзурын, Ма æрцæуæд сымахыл ахæм рæдыд, Сымах дæр ма бахъæуæд сурын – Цоты хъæуынц мад æмæ фыд.
ДЗÆГЪÆЛ АХСТОН
Зæрватыччы цъиу ныууагъта йæ ахстон Æмæ дын рагъхъæдыл æрбадт. Бынæй цымыдисæй йæм кастæн: Цымæ цытæ кæндзæн йæ мад? Уый афтид ахстоны куы фена, Йæ сæр йæ базыры бын кæндзæн, «Мæ хъæбул аппæрста йæ къона», - Йæ зæрдæ сагъæстæй хъæрздзæн. Зæрватыкк къалиуыл нæ бады, Æнхъæлмæ ахстоны кæсы, Фæлæ нæ мысы хъæбул мады: Йе `мбалы уайдзæфтæй тæрсы. Уымæн цъыбар-цъыбуртæ сисы, Йæ лæппынтыл ын цин кæны. Кæм дæ, ныййарæг? Дæу нæ мысы, Æнæ дæу йæ адджын фынг хæры.
Ныййарæг та кæсы æнхъæлмæ, Йæ комы комдзагыл хæцы. «Кæд ракæсдзæн хъæбул фæстæмæ?» - Йæхимæ фарстатæ дæтты. Йæ хуыссæг цæстытæй фæлыгъдис, Йæ боны рухс бынтон ныттар: «Уæдæ мæ хъæбул кæдæм фæтахтис? Куынæуал агуры хæдзар!». Уæд иухатт зæрватыкк æрхаудта, Йæ дзыхæй гагатæ кæлынц… Йæ хъæбулæн сæ уый куы уагъта, Ныр та сæ фыдгултæ хæрынц! Йæ базыртæ ма Хуыцаумæ сцагъта, Цыдæртæ йæ фæндыд зæгъын, Стæй сæ сабыргай æруагъта: «Кæм дæ, мæ хъæбул, æз мæлын…». Ныууагъта ахстон мад дзæгъæлæй, Уазал дымгæ дзы ныр æрцард, Йæ дуæрттæ не сты `хгæд дæгъæлæй, Фæлæ йæм нал ракæсдзæн мад. Рæзгæ фæлтæр, сымахмæ дзурын: Уæ хистæртæн кæнут лæггад, Уæ хистæртæн куы уат сæ цуры, Бæрзонддæр кæны уæд уæ кад!
(Басни).
|