МÆ ФÆЗЗЫГОН ДИДИНÆГ (радзырд)
Бæлас йæ сыгъзæрин сыфтæ куы фе-згъалы фæззæджы, уæд фæлмæн хуры тынтæм нæуæндæгау сыфты бынæй йæ сæр сдары, йæ уалдзæг фынæйæ кæмæн ацыд, ахæм рæсугъд дидинæг… Афтæ адæймаджы хъысмæт дæр: йæ зæрдæйы арфдæр æнкъарæнтæ æрæджиау раргом вæййынц… Таймураз йæ æрыгон азты йæ амонды фæндагæй рахызт æмæ ахуыры фæдыл афтыд Уæрæсемæ. Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ. Йæ сæрыл цыма уæззау мит æруарыд – тынг ыл фæбæрæг сты æцæгæлон бæстæйы цæрдтытæ. Чызджытæ та йыл сæ цыргъ æвзæгтæй зарыдысты: Йæ сæр фæхалас усгурæй, Зынæрвæссонæй фегад ис. Ничи йæм худы рухс хурау - Чызгайы уынд ын фенад ис. Таймураз дæр сагъæсы бацыд йæ иунæджы цардыл. Кæм фæрæдыд, кæд асхуыста йæ амонд йæ къахы фындзæй? Йе `рыгон бонтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Скъолайы ахуыры азтæ... Тæккæ амондджындæр цæмæн уыдысты? Æвиппайды фембæрста, уал азы дæргъы дæр йæ зæрдæйы цин йе `мкъласон чызг кæй уыд. Дæсæм къласы рауагъды къаммæ кæсы, æмæ йæ зæрдæ сонт рæхуыст скодта: Фатъи-мæты къам – йæ фарсмæ. «Фатъимæт, Фатъимæт… Хатгай амондæн лæг йæ сæрты кæсы æмæ йыл рахизы, йæ цуры цы хæзна фæлæууы, уый нæ фæиртасы, - хъуыды кæны Таймураз æмæ йæ мыси-нæгты арф уылæнæй йæ цæстытæ сæрттывтой… - Ай мæ зæд мæ цуры куы уыд, уæд кæй базыртæ ахстон?!». Гыбар-гыбур кæнынц поезды цæлхытæ. Таймуразы цæсгомыл ахъазы фæлмæн мидбылхудт: сабийæ-иу æм афтæ каст, цыма поезды цæлхытæн сæхицæн зарæг ис: «Цæрвтæ ласæм – нæ фæразæм!». Поезды цæлхытæ гыбар-гыбур кæнынц. Уый Таймуразы йæ рай-гуырæн бæстæмæ куыд хæстæгдæр ласы, афтæ йæ зæрдæ дæр йæхи къултыл ныххойы… ...Мой не скодта Фатъи дæр, йæ уалдзæгæй йæ фæззæгмæ йæ риуы фæхаста Таймуразы уарзон сурæт… Халас сыфты бынæй цы дидин-джытæ сдарынц сæ сæртæ, уыдон дæр ма кæрæдзимæ куы бакъул кæнынц, уæд дыууæ адæймагæн кæрæдзийы бамбарынæн цы хъæуы?!
(Рассказ о поздней любви, подобной осенним цветам). Гаситы Кларæ.
* * * Сокаты Азæ
ÆНÆДЗУАПП УАРЗОНДЗИНАД
Терчы был бадынмæ нæ хуыдтай ды мæн, Нæ хæцыдтæ симды мæ цонгыл. Нæ кодтай дæ уарзон ныхæстæ мæнæн, Не `рлæууыд мæ сурæт дæ зæрдыл. Фæззыгон мигъ дæ сæрыл æнæ мæн æрбадт, Дæ уалдзæг дыл нæ ацыдис мемæ. Ды - Хуссары абон, мæ бынат - Цæгат. Уарзты цин нæ дих кодтам иумæ. Уæддæр дыл мæ зарæг æз зарын æнкъардæй – Мæ сусæг уарзтæн нæма `рцыд кæрон. Ныццин кæнин, искуы куы фæзынис дардæй, Куы райхалис ме `лхынцъ – цы ма йын кæнон! (О неразделенной любви). |