НОМÆВÆРÆГГАГ – КЪАБАЙАГ
Ацы фæзминаг хабарæн йæ кой раджы райхъуыст, фæлæ нæ редакцимæ æрæджы æрбацыд фыстæг Веселæйы хъæуы цæрæг Ацырухсæй. Йæ мыггаг æмæ адрис нæ ныффыста, афæрсынæн æй мадзал не ссардтам, æмæ дзы хатыр курæм, кæй йын фæцыбыр кодтам йæ æрмæг. Йæ фыстæджы райдианы бæлвырдæй æрфыста, ирæттæ Мæздæджы районы куыд æрцардысты, уыцы цаутыл, стæй дыууæ сыхаг бинонты тыххæй радзырдта: «Фыццаг æрбалидзджытæй Джи-дзæлатæ æмæ Дулатæ фæрсæй-фæрстæ æрцардысты Веселæйы хъæуы. Уыцы рæстæг, кæд адæм царды мадзæлттæй æххæст нæ уыдысты, уæддæр цардысты хæлар æмæ уарзонæй. Кæрæдзийы руаджы цардысты, сæ кæрæдзийы циныл цин кодтой. Хистæртæ кæстæрты ахуыр кодтой нæ рагфыдæлты æгъдæуттыл. Афтæ дзырдтой: хæдзары бинонтæ хистæрмæ куы хъусой, уæд сын æвзæрæй тас нæу, уыдзысты сыхбæстæн фæзминаг. Хæдзары уы-дзысты амонд æмæ бæркад. Ахæм бинонтыл мæ бон у банымайын Джидзæлаты Самсыхъойы хæдзар. 1920 азы сæ сыхаг Дулаты хæдзары райгуырд чызг. Самсыхъойы фыдымад йæ сыхæгтæм ноггуырдæн арфæтæ кæнынмæ бацыд. Арфæтæ ракодта, стæй хæдзары хистæртæн йæ фæндон бамбарын кодта: «Кæд æмбæлы, уæд ацы чызгæн æз номæвæрæг уаин! Къабайаг ын – мæнæй!». Афтæмæй Дулаты чызгыл сæвæрдта ном Госæга æмæ къабайагæн тын уафын райдыдта. Зæронд сылгоймаг æррынчын, йе `гъдау скæнын йæ къухы нал бафтыд, йæ кæстæртæн æй бабар кодта, афтæмæй амард. Самсыхъо йæ зæрдыл дардта йæ фыдымады фæдзæхст, йæ кæстæртæн æй рахабар кодта… Рацыд бирæ азтæ. Джидзæлаты Самсыхъойы чындз Мери æмæ йæ лæппу Тамик сæххæст кодтой сæ хистæрты фæдзæхст: сæ фыды фыды фыдымады хæс бафыстой. Сæ фыдæлты уарзон сыхæгтæ Дулаты чызг Госæгайыл (ныр æй хъæубæстæ зонынц Уртаты чындз Цецейæ) сæмбæлын кодтой йæ 90-æм гуырæн боны йæ номæвæрæггаг уæззау къабайаг стыр хуынимæ! Фæзминаг та куыд не сты ахæм бинонтæ?! Сыхæгтæ абон дæр ма дис кæнынц, Джидзæлаты кæстæртæ сæ хистæрты дзырд сæ зæрдыл куыд бадардтой æмæ йæ куыд сæххæст кодтой, ууыл. Уртаты бинонтæ Мери æмæ Тамиккæн арфæ кæнынц, цæмæй, хъаруджын кæмæй сты, уыцы ирондзинад сæ къухæй куыд макуы ахауа, се `рхъуыдыдзинад сын Хуыцау бирæ скæнæд! Тамик у кадджын лæг, æмæ йæ кад уæлдæрæй уæлдæр кæнæд. Нæ Иры та ахæм фæзминаг хъуыддæгтæ арæхдæр цæуæнт!». (90 лет назад в с. Веселом Джидзаловы пришли поздравить своих соседей Дулаевых с днем рождения дочери. Попросились в крестные, дав девочке имя Госага. По обычаю, обязаны были подарить ей отрез на платье, но крестная умерла, завеæав своим младшим выполнить долг… Отрез на платье подарили… 90-летней крестнице прапраправнук Джидзаловых Тамерлан и его мать Мери).
ДОНАРÆХ – ДÆ ЦАРД!
Ацы арфæйы ныхæстæ фæзæгъæм, дойны адæймагæн дон чи авæры, уымæн. Винограднæйы хъæуы доны хæтæлтæ зæронд кæй сты, уый диссаг нæу: æппæт районы цæрæнбынæттæ дæр сты ахæм уавæры. Коммуналон службæты кус-джытæ сыл архайынц, фæлæ уæддæр нæ районы цæрджытæн сæ хъæстытæ Терчы дон дæр нæ аласдзæн, уыйбæрц сты. Уымæ гæсгæ редакцийы куы фæзынд Винограднæйы цæрæг Уалыты Евæ арфæйы ныхæстимæ, уæд нын уыд æхсызгон: кæдæй-уæдæй нæ коммуналон кус-джытæй чидæр бузныг у. Евæ радзырдта: «Цалдæр азы тынг тыхстыстæм æнæдон цардæй. Уыди, æмæ-иу нæ хъæу сæрдыгон цалдæргай боны ныууагътой æнæ донæй. Фæлæ доны куыстуаты хицау Хуыгаты Амур куы сси, уæдæй сулæфыдыстæм. Хæтæлтæ зæронд сты: куы иу ран аскъуынынц, куы иннæ. Фæлæ цалцæггæнæн куыстыты разæй адæмæн фехъусын кæны, мигæнæнтæ донæй байдзаг кæнут, уал сахаты дон æхгæд уыдзæн, зæгъгæ, æмæ адæм дæр не стыхсынц». Амур Дард Хуыскæсæны цæугæдæттæй иуимæ æмном дзæгъæлы нæу, æвæццæгæн! Донарæх – дæ цард, Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд! (Слова благодарности работникам коммунальной службы с. Виноградного, возглавляемой А. Хугаевым).
Фыстæджытыл бакуыста БÆЗЫТЫ Л.
|