Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Воскресенье, 25.12.2011, 12:37
 
Главная-СВЕЖИЙ НОМЕР
Мой профиль Выход
Вы вошли как mvestnik · Группа "Администраторы" · RSS
Категории раздела
НОВОСТИ
В АДМИНИСТРАЦИИ РАЙОНА
КУЛЬТУРА
«СЕМЬЯ»
ИЗ ПОЧТЫ «МВ»
ЭКОНОМИКА
СЕЛЬСКАЯ ЖИЗНЬ
ПРАВООХРАНИТЕЛЬНЫЕ ОРГАНЫ
«ВАШЕ ЗДОРОВЬЕ»
ОБЩЕСТВО
ЖКХ
СПОРТ
ВОПРОС - ОТВЕТ
«ТЕРСКАЯ КОЛОВЕРТЬ»
«МОЛОДЕЖНАЯ ТУСОВКА»
«КРИМИНАЛЬНЫЙ РЕПОРТЕР»
«ВРЕМЯ, СОБЫТИЯ, ДОКУМЕНТЫ»
ЗДРАВООХРАНЕНИЕ
ОБРАЗОВАНИЕ
ЛИТЕРАТУРНАЯ СТРАНИЦА
ГЛАС НАРОДА
ИРОН
"ЕДИНАЯ РОССИЯ"
РЕСПУБЛИКА: ДЕНЬ ЗА ДНЕМ

Мини-чат
Статистика
Форма входа
E-mail:
Пароль:
 
Главная » 2012 » Февраль » 4 » ХИСТÆРТЫ ФÆНДОН
0
17:39
ХИСТÆРТЫ ФÆНДОН
УЫЦЫ МИТÆ НÆ УЫД НÆ ФЫДÆЛТÆМ

Нæ районы «Ныхас»-ы хъæппæрисæй дыккаг хатт арæзт æрцыд æмбырд Веселæйы Культурæйы галуаны. Ардæм æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ – нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, стæй фæсивæд дæр. «Ныхас»-ы сæрдар Гаситы Зауыр бамбарын кодта адæмæн, абон сæ ныхасы сæр цæуыл уыдзæн, уый.
ФыцОсетиныцаг дзырды бар райста Дзоккаты Мухар. Уый йæ раныхасы загъта, цард æмæ фæлтæр кæй ивынц, æмæ махæн – хистæртæн – нæ хæс кæй у амонын кæстæртæн, нæ рагфыдæлтæй нын цы æгъдæуттæ баззад, уыдон æххæст кæнын, æрмæст сыл æфтаугæ цæмæй мауал кæнæм. Дзурæджы ныхæстыл сразы сты Дулаты Ав-рам, Хъулаты Майрæм, Къозаты Зæрæмæг, Саулохты Нодар, хъæусæветы сæрдар Дзебойты Коля æмæ иннæтæ. Афтæ сыл-гоймæгтæ дæр – Калоты Райсæ, Дулаты Тамарæ, Гадзаонты Л., Тебиаты Зæли, Бураты Венерæ.
Ныхасы сæр уыд, нæ зианы кæндтыты мах фæстаг рæстæджы кæй фæкæнæм æнахуыр митæ. Цыма ныл стыр цин æрцыд, ахæм дис-саджы фынгтæ равæрæм. Фæзынд нæм бирæ уæлдай, хи æрхъуыды-гонд хъуыддæгтæ. Зæгъæм: иутæ, æвæццæгæн, афтæ хъуыды кæнынц, мæ бон у, æмæ, мæ тыхст рæстæг мæм чи фæкаст, уы-донæн стыр лæвар скæнон. Уыцы митæ та нæ уыд нæ фыдæлтæм. Æмæ уæд мах цæмæн æфтауæм не гъдæуттыл уæлдай митæ?! Цы кæна, йæ бон уыдæттæ кæнын кæмæн нæу, уый та? Уый тыххæй адæм кæрæдзимæ зул цæстæй кæсынц, иуæй-иутæ та æргомæй фæзæгъынц, цы хабар у, уе стъол куы æрцæйсасти, зæгъгæ.
Нæ фыдæлтæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой кæрæдзийæн. Дыууиссæдзæм боны æхца ничи лæвæрдта, уæдæ бадæнты дæр стыр фынгтæ нæ арæзтой.
Æмбырды нæ хистæртæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ – аппарын кæй хъæуы уыцы ног æрхъуыдыгонд митæ.
Чи зоны, æмæ, цæуыл дзурæм, уыдоныл бирæтæ не сразы уыд-зысты, фæлæ, цард куыд амоны, куыд хуыздæр æмæ рогдæр уыдзæн, афтæ сæ гыццылгай æххæст кæнын хъæуы, куыд æмбæлы æмæ хистæртæ цы зæгъынц, уыдонимæ разы кæнгæйæ.
Ничи зæгъы, ферох кæн дæ зианы кæндтытæ, зæгъгæ, фæлæ сæ кæн, куыд æмбæлы, афтæ.
Ничи зæгъы, ныгæнæн бон хист ма скæн, зæгъгæ.
Уæдæ дыууиссæдзæм бон дæр, бадæнтæ дæр скæн, æрбахон дæ сыхы æмæ дæхиуæтты. Дардыл мауал æмбырд кæнæм адæмы, уæдæ дзы æхца фыссын дæр ферох кæнæм. Æртæ стъолы дзаг кæныны бæсты иу стъол æрæвæр æмæ ныффæлдис зианы номыл. Æнæфенд митæ мауал кæнæм æмæ æхсæвыгон нæ цырæгътимæ мауал зилæм. Цалынмæ зылд фæуай, уæдмæ адæймаг барасыг вæййы.
Раст уаид, иу ныхасмæ куы æрцæуиккам, уæд.
Фынджы æгъдауы тыххæй дæр загътой «Ныхас»-ы уæнгтæ. Æртæ чъирийы фæкæнынц цины хъуыддаджы. Æртæ уымæн, æмæ, дам, адæймагæн ис Хуыцау, хур æмæ зæхх. Куы сæ фæкувынц, уæд та сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнынц уымæн, цæмæй зыной, кæй номыл конд сты, уымæ, – Хуыцаумæ. Афтæ дæр фæзæгъынц, æртæ чъи-рийы сты Хуыцау, Уастырджи æмæ Бынатхицауы тыххæй, зæгъгæ.
Дыууæ чъирийы та фæкæнынц зианы хъуыддаджы. Дыууæ уымæн, æмæ, дам, адæймаг куы амæлы, уæд ын хурæй хай нал вæййы, баззайы ма йын Хуыцау æмæ зæхх. Зианы дæр раздæр æмбæлы æртæ чъирийы æрæвæрын хистæры цур. Уый бинонты Стыр Хуы-цауыл бафæдзæхсы, стæй уæллаг дыдагъ дыууæ дихы фæкæны æмæ йæ иуварс адæтты (ома, кæй номыл бадынц, ууыл йæ хур бата-лынг), стæй дарддæр фынджы кой фæкæнынц. Хистæртæ ма фæндон бахастой, зианы фынгыл нæ сидтытæ æхсæз рæгъæй фылдæр куыд нæ уой, уый тыххæй.
Сылгоймæгтæ арфæ ракодтой хистæртæн, æнæзивæгæй кæй æрбам-бырд сты, уый тыххæй, æмæ загътой, уыдон дæр разы кæй сты сæ фæндтыл, стæй зæрдæ бавæрдтой, сæ бон куыд уа, афтæ æххуыс кæй кæндзысты кæстæр фæлтæрæн.
Сæ цæрæнбон бирæ уæд нæ хистæртæн, æнæниз куыд уой, нæ кæстæртæй та сæ зæрдæтæ рухс куыд кæной, абонæй фæстæмæ арæхдæр куыд æмбæлой семæ.
КАЛОТЫ Ревæ,
сылгоймæгты советы сæрдар.
(Надо отказаться от вновь придуманных «обычаев», достаточ-но соблюдать оставленные нам предками – об этом состоялся разговор в ДК с. Веселого).
Категория: ИРОН | Просмотров: 30 | Добавил: mvestnik | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email:
Код *:
Copyright MyCorp © 2012
Поиск
Календарь
«  Февраль 2012  »
ПнВтСрЧтПтСбВс
  12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
272829
Архив записей
Погода в Моздоке
Конструктор сайтов - uCoz