Нарты кадджыты ис ахæм æмбисонд: тыхст заманы нарт, сæ хъару, сæ ныфс-иу куы фæцудыдтой, уæд-иу рагон обаумæ бацыдысты, æмæ-иу сæ ныфс фæфидардæр, сæ тых фæфылдæр, сæ хæстон фыдæлтæй дзы ныгæд цал уыд, уал хатты… Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц мæрдты бæстæйæ «æцæг дуне», ингæнæй - «æнусон хæдзар», уæлæуыл амадæй та – «мæнгхæдзар»… Æвæццæгæн, нæ фыдæлты уæлмæрдтæ æцæгæлоны къахы бын ныууадзын уымæн у худинаг ныр дæр, нæ зынгхуыст хæстонтæн та уымæн ссудзæм Æнусон арт, æмæ нын зæрдæвæрæн ныфс дæттынц… Мусхъæуы рагон уæлмæрдты цыртдзæвæнтæ сты нæ историйы рæнхъыты хуызæн. Æфсæйнаг нывæфтыд быруйæн йæ иу æмбис у кæрдæгхуыз ахуырст – уым ныгæд сты пысылмæттæ; йæ иннæ хай – сау – ам сты чырыстон ингæнтæ. Бацæуæны хъæуккаг лæгтæй иу кæрды дидинæгджын кæрдæг. Хъазахъхъæгты, Уæрæсейы паддзахы æфсæддонты – рæнхъонæй-инæларæй - цыртдзæвæн-тыл фыст диссаджы ныхæстæ. Дардæй аивæй зыны иу рог æфсæйнаг мæнгхæдзары сæр. Уым æвæрд ис Гурджибеты Бласка – зындгонд ирон фыссæг, хъæбатыр афицер. Цырт-дзæвæны фыстмæ гæсгæ, фæмард 18 июны 1905 азы Японы хæсты. Дард бæстæй йын йæ æмтохгæнджытæ цинкæй чырыны йæ мард Дард Хурыскæсæнæй æппæт Уæрæсейыл йæ райгуырæн хъæумæ фæластой. Цæмæй йæ уарзон адæмы «цæстыты сыгæй æнæхай» ма фæуа йæ мард…

18 июны (хурхæтæны мæйы), Бласкайы мысæн боны, Мусхъæуы уæлмæрдты раз æрлæу-уыдысты цалдæр хæдтулгæ-йы, рахызтысты дзы нæлгоймæгтæ. Семæ уыдысты æрыгон чызджытæ дæр. Базонгæ дæн се `ппæтимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы æрмæст иу чызг, Фатимæ, уыд Гурджибеты мыггагæй. Иннæтæ уыдысты Гурджибетæн сæ хæрæфырттæ. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, хæрæфырт тыхджын у. Нывгæнæг, Ирыстоны разагъды лæгтæй иу Гасынты Жорж (хуызисты) йæ цыды сæр бамбарын кодта:
- Мæ мад Гурджибеон мын (рухсаг уæд) йе `фсымæры ингæны тыххæй афтæ фæдзæхста: «Еци биццеуи æвæгæсæг ма ниууадзæ!». Афтæмæй йæм нæ цæст дарæм. Фарон уыд Хе-тæгкаты Къостайы 150 азы юбилей, æмæ мæ тынг фæндыд, цæмæй нæ ног фæлтæртæ зоной, Къоста æмæ Бласка куыд лымæн уыдысты, куыд стыр аргъ кодтой сæ кæрæдзийы сфæлдыстадæн. Мæ мад уыд дыгурон, мæ фыд – ирон, æмæ дыгур æмæ иры кæрæдзийы ныхмæ куы фæцаразынц, уæд мын тынг зын вæййы: сæ иутæ дæр æмæ сæ иннæтæ дæр мæ риссынц. Къоста æмæ Бласкайы хæлардзинад у абоны ирон адæмæн фæзминаг дæнцæг, - бахахх кодта Жорж æмæ радзырдта ахæм хабар: - Къостайæн Ирыстонмæ цæуыны бар нæ уыд, фæлæ-иу сусæгæй фæзынд йæ хорз лымæнтæм Мæздæджы дæр. Тускъаты Балодтимæ иуахæмы фæзынд. Афтæ рауад, æмæ Бласка дæр уыцы бонты йæ фыды хæдзары уыд. Балодти Къостаимæ Гурджибеты хæдзармæ бацыдысты, æмæ Балодти бадзырдта Бласкамæ, дуармæ-ма нæм тагъд ракæс, уазæгимæ дæн, зæгъгæ. Уый, рацæйцæугæйæ, нæма сæ уыны, афтæмæй дзуры, кæд мын, мыййаг, Хетæгкаты Къостаимæ не `рбацыдтæ, зæгъгæ. Фæлæ æцæгæй дæр йæ разы Къостайы куы ауыдта, уæд ыл хуы-мæтæг цинтæ нæ бакодта!…
Хохойты æфсымæртæ цæрынц Мæздæджы районы, амалхъом адæм сты. Фæлæ ма ноджы стыр аргъ кæнынц сæ уидæгтæн, сæ фыдæлты æгъдæуттæн. Уыдон дæр сты Гурджибеты хæрæфырттæ, æмæ сæ фæнды, Бласкайы ном хæстæджыты дæр, æппæт ирон адæмы дæр цæмæй æнгомдæр кæна. Сæ кадджын мадырвадæн йæ ингæны раз дон ныххæлар кодтой, стæй сæ Фатимæ рахуыдта хъæуы астæумæ. Ам, стыр аргъуаны тæккæ бакомкоммæ, зæронд быруйы фæстæ зыны чъырæйцагъд рагон æфсæнсæр хæдзар. Кулдуарæй кæртмæ бахызтыстæм. Бæрзонд хæмпæлты æхсæн сырх уардиты сæртæ кæсынц; зæронд хъæдын нывæфтыд дуæрттæм, рудзгуытæм, къæсæртæм бахылдысты цъæх кæрдæджытæ, бал æмæ тутайы къалиутæ.
Бæргæ фæндыд хæстæджыты Бласкайæн йæ мысæн боны йæ фыды хæдзары хæрнæджы фынг саразын. Фæлæ дзы абон ничи цæры, чи зоны, цæрыны уавæртæ дæр дзы нæй. Уымæ гæсгæ хæстæджыты Троицкæйы хъæуы йæ хæдзары кæрты æрбамбырд кодта Хохойты Игорь, æмæ уым Гурджибеты Бласкайы хæрæфырттæ æмæ хæстæджытæ сæ номдзыд мадырвадæн фынджыдзаг ныххæлар кодтой. Чызджытæ та ма уыцы рæстæг Мæздæджы музеймæ бацыдысты æмæ фембæлдысты йæ директор Челдыты Симæимæ.
Зæрдæбын ныхæстæ фæкодтой, уыцы изæр Бласка кæй æрæмбырд кодта, уыдон, стæй Рекомы дзуары бæрæгбонмæ иумæ ацæуыныл баныхас кодтой.
Мады фæдзæхст сæххæст кæнын царды нысан кæмæн у, уый раст фæндагыл лæууы. Сæ цæрæнбон бирæ уæд! Нæ рагфыдæлтæ та сыл цард-аудæн кæнæнт, цы мæрдты сты, уырдыгæй.
АЛЫККОН.
(18 июня, в день памяти осетинского поэта, офицера русской армии Блашка Гуржибекова, родственники приехали в ст. Новоосетинскую посетить его могилу и дом.)