АРГЪ СЫН НÆЙ!
Æртæ азы дæргъы мæ къахы æнгуылдзты рысты тыххæй стыр размер æлхæдтон къахыдарæс: чысыл-иу мын истæуыл куы амбæлдысты, уæд-иу мæ уд сцæйхаудта! Иуахæмы мæ мæ хиуæттæ нæ рынчындонмæ цæмæйдæрты басайдтой: ног дохтыр, дам, дзы ис, æмæ дын сæм æрмæст æркæса. Хирург Джыккайты Цæра, йæ цæрæнбон ын Хуыцау бирæ скæнæд, уколтæ акæнын кодта, æмæ мын ме `нгуылдзтæ куыд адзæбæх кодта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон, мæ рыст фесæфт. Нæ сæйраг дохтыр Гаситы Барисы фырт Юрий архайы, цæмæй Винограднæйы æмæ хæстæг хъæуты цæрджыты дохтыры æххуысмæ дардмæ цæуын ма хъæуа, ууыл. Дзæуджыхъæуæй нæм терапевт Ма-хъоты Таисæ кусы; æрцæуынц хирург, невропатолог æмæ æндæр дохтыртæ дæр. Нæ медицинон хотæн та аргъ дæр нæй, афтæ хæрзарæхст æмæ зæрдæмæдзæугæ у сæ алы февнæлд дæр!
Уалыты Евæ, Винограднæйы хъæуы цæрæг. (Слова благодарности врачам Виноградненской амбулатории от жителей села). |