Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Газета "Моздокский вестник", г. Моздок - свежие новости
Воскресенье, 25.12.2011, 12:37
 
Главная-СВЕЖИЙ НОМЕР
Мой профиль Выход
Вы вошли как mvestnik · Группа "Администраторы" · RSS
Категории раздела
НОВОСТИ
В АДМИНИСТРАЦИИ РАЙОНА
КУЛЬТУРА
«СЕМЬЯ»
ИЗ ПОЧТЫ «МВ»
ЭКОНОМИКА
СЕЛЬСКАЯ ЖИЗНЬ
ПРАВООХРАНИТЕЛЬНЫЕ ОРГАНЫ
«ВАШЕ ЗДОРОВЬЕ»
ОБЩЕСТВО
ЖКХ
СПОРТ
ВОПРОС - ОТВЕТ
«ТЕРСКАЯ КОЛОВЕРТЬ»
«МОЛОДЕЖНАЯ ТУСОВКА»
«КРИМИНАЛЬНЫЙ РЕПОРТЕР»
«ВРЕМЯ, СОБЫТИЯ, ДОКУМЕНТЫ»
ЗДРАВООХРАНЕНИЕ
ОБРАЗОВАНИЕ
ЛИТЕРАТУРНАЯ СТРАНИЦА
ГЛАС НАРОДА
ИРОН
"ЕДИНАЯ РОССИЯ"
Гидрометцентр России
Мини-чат
200
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 29
Статистика
Форма входа
E-mail:
Пароль:
 
Главная » ИРОН
УЫЦЫ МИТÆ НÆ УЫД НÆ ФЫДÆЛТÆМ

Нæ районы «Ныхас»-ы хъæппæрисæй дыккаг хатт арæзт æрцыд æмбырд Веселæйы Культурæйы галуаны. Ардæм æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ – нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, стæй фæсивæд дæр. «Ныхас»-ы сæрдар Гаситы Зауыр бамбарын кодта адæмæн, абон сæ ныхасы сæр цæуыл уыдзæн, уый.
Фыццаг дзырды бар райста Дзоккаты Мухар. Уый йæ раныхасы загъта, цард æмæ фæлтæр кæй ивынц, æмæ махæн – хистæртæн – нæ хæс кæй у амонын кæстæртæн, нæ рагфыдæлтæй нын цы æгъдæуттæ баззад, уыдон æххæст кæнын, æрмæст сыл æфтаугæ цæмæй мауал кæнæм. Дзурæджы ныхæстыл сразы сты Дулаты Ав-рам, Хъулаты Майрæм, Къозаты Зæрæмæг, Саулохты Нодар, хъæусæветы сæрдар Дзебойты Коля æмæ иннæтæ. Афтæ сыл-гоймæгтæ дæр – Калоты Райсæ, Дулаты Тамарæ, Гадзаонты Л., Тебиаты Зæли, Бураты Венерæ.
Ныхасы сæр уыд, нæ зианы кæндтыты мах фæстаг рæстæджы кæй фæкæнæм æнахуыр митæ. Цыма ныл стыр цин æрцыд, ахæм дис-саджы фынгтæ равæрæм. Фæзынд нæм бирæ уæлдай, хи æрхъуыды-гонд хъуыддæгтæ. Зæгъæм: иутæ, æвæццæгæн, афтæ хъуыды кæнынц, мæ бон у, æмæ, мæ тыхст рæстæг мæм чи фæкаст, уы-донæн стыр лæвар скæнон. Уыцы митæ та нæ уыд нæ фыдæлтæм. Æмæ уæд мах цæмæн æфтауæм не гъдæуттыл уæлдай митæ?! Цы кæна, йæ бон уыдæттæ кæнын кæмæн нæу, уый та? Уый тыххæй адæм кæрæдзимæ зул цæстæй кæсынц, иуæй-иутæ та æргомæй фæзæгъынц, цы хабар у, уе стъол куы æрцæйсасти, зæгъгæ.
Нæ фыдæлтæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой кæрæдзийæн. Дыууиссæдзæм боны æхца ничи лæвæрдта, уæдæ бадæнты дæр стыр фынгтæ нæ арæзтой.
Æмбырды нæ хистæртæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ – аппарын кæй хъæуы уыцы ног æрхъуыдыгонд митæ.
Чи зоны, æмæ, цæуыл дзурæм, уыдоныл бирæтæ не сразы уыд-зысты, фæлæ, цард куыд амоны, куыд хуыздæр æ... Читать дальше »
Категория: ИРОН | Просмотров: 4 | Дата: 04.02.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)

«ÆГАСЦУАЙ» ЗÆГЪДЗÆН ИРЫСТОНЫ ЗÆХХ

Ацы аз, августы, Лондоны цæудзæн Олимпиадæ, уыимæ бæхтыл дугътæй дæр. Уыцы стыр ерыстæм бацæттæ кæныны тыххæй арæзт цæуы Æппæтадæмон турнир. Йæ сæйраг нысан – Олимпиадæмæ спортсментæ равзарын. РЦИ – Аланийы Сæргълæу-уæджы кубокыл ерысы бацæудзысты Уæрæсейы иугонд командæйæ 30 адæймаджы, Белорусси æмæ æндæр регионтæй бæхылбадджытæ.
22 – 27 февралы сын зæрдиаг «æгасцуай» зæгъдзæн Иры-стоны зæхх. Ерыстæ ацæудзысты бæхты спортивон скъолайы За-воды поселочы. Нæ республикæйæ дзы архай-дзысты Байты За-уырбег, Андрей Митин æмæ иннæтæ.
Иннæ субъектты `хсæн нæ республикæйæн бар лæвæрд æрцыд, бæхты спортмæ аккаг æвæрæн бахæссыны, стæй ацы спорты хуызы не `мзæххонты уæлахизтæ нымайгæйæ, юбилейон турнир «троеборье» кæй хонынц, ахæм саразынæн.
(Во Владикавказе 22 – 27 февраля пройдет Международный турнир по конному спорту, цель которого – отбор спортсме-нов к Лондонской Олимпиаде-12 (в августе).
Категория: ИРОН | Просмотров: 5 | Дата: 31.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)

НÆРТОН КÆСТÆР

ХОЗИТЫ Михал

Зæрдæмæдзæугæ бакаст,
Нæртон кæстæр, æвзыгъд,
Бæллиццаг у дæ ахаст,
Дæ рæсугъд фæндаг – тыгъд.
Сыхбæстæ, фыдæн, мадæн –
Сæ амонд æмæ дин,
Æнæ дæу сын нæу адæн
Сæ цард æмæ сæ цин.
Дæ ахуыры ахъаззаг
Дæ къахдзæфты гæпп у,
Цæмæ бавналай – раззаг,
Ысуинаг, хорз лæппу.
Сæрæн - дæ куыст, дæ базмæлд,
Дæ ныхас – аккаг, барст,
Хæрзгойæ дардмæ азæлд
Дæ царды гыццыл «карст».
Ныфсджын хъуыдытæ – бирæ,
Бæрзæндтæм у дæ цыд.
Ысу бæзгæ фырт Ирæн,
Нæ Иры уæлдæр цыт!
(Успешный нарт).
Категория: ИРОН | Просмотров: 6 | Дата: 28.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)


ССÆРИБАРГÆНДЖЫТЫ КАДÆН

Мæздæг гитлерон тыхгæнджытæй ссæрибар кæныны боныл сæххæст 69 азы.
1942 азы августы фашистон æфсæдтæ Мæздæг бацахстой æмæ дзы цыппар мæйы дæргъы фесты. 1943 азы январы Цæгаткавказаг фронты æфсæдтæ размæ бырсын райдыдтой. Горæт сæрибаргонд æрцыд.
3 январы «Совинформбюро» фехъу-сын кодта, размæбырсæг Сырх æфсады хæйттæ Мæздæг кæй бацахстой, ахæм хабар. Лейтенант Пасек æмæ сержант Гвошев сæрибаргонд горæты администрацийы бæстыхайыл сырх тырыса бафидар кодтой.
Мæздæгæй рацæуæг адæмæй аст систы Советон Цæдисы Хъæба-тыртæ, æртæ та – Намысы ордены æххæст кавалертæ.

Категория: ИРОН | Просмотров: 10 | Дата: 17.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)


НОГ АЗЫ БÆЛЛИЦТÆ
 
                    ХОЗИТЫ Михал

Цин æмæ тыхстытæмхæццæ
Ног азы æхсæвмæ - каст.
Гъæйтт мардзæ, мæнæ `рхæццæ
Хъæлдзæгæй, афоныл раст.
Сбуц кæнæд, алкæй рæвдауæд,
Атæрæд зæрдæтæй маст!
Иу дæр нæ рохуаты ма уæд,
Мачи дзы ракæнæд хъаст.
Уадз æмæ хъæлдзæг уа кæстæр,
Арвмæ – йæ фæндæгты каст.
Ахуырыл, куыстыл æрмæстдæр,
Арф хъуыды, зондимæ баст,
Хистæр уа буц æмæ кадджын -
Ирæн йæ ныфс æмæ уаг,
Кæстæртæн – зонддæттæг, адджын,
Царды йын бантысæд фаг!
Мадæлтæ, хотæ, чындзытæ,
Уарзтæй рæвдыдæй цæрут,
Ма рæзæд уе `хсæн сындзытæ,
Амондæй, фарнæй нæрут!
Алкæуыл сæмбæлæд Ногбон,
Монцытæй ничи уа хъуаг.
Разынæд барджын нæ сомбон -
Цардуавæр, `фсæрм æмæ уаг.
Фынгтæ дæр тасæнт бæркадæй,
Хъуысæд уæларвмæ нæ зард,
`Рвитæм-иу азырцыд радæй,
Аккагæй алкæйы цард.
(Новогодние пожелания)
Категория: ИРОН | Просмотров: 8 | Дата: 17.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)


РАЗДÆР ТА ДЗЫ УЫД АХÆСТОН…

8-æм къласы ахуырдзаутæ литературæйы урочы А.С. Пушки-ны уацмыс «Капитанская дочка» бакæсыны фæстæ ацыдысты му-зеймæ: ам сæ ахуыргæнæг Л.М. Белоусовайæ базыдтой: кæддæр 1-æм интернаты бынаты - ныртæккæ кæм ахуыр кæнынц, уым - уыд ахæстон. Иуцасдæр дзы фæцис Емельян Пугачев.
Скъоладзаутæн хæсгонд æрцыд ныффыссын нывæцæнтæ. 

ДУЛАТЫ С., 
къорд «Юный журналист»-ы уæнг. 
Категория: ИРОН | Просмотров: 11 | Дата: 14.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)

«…КÆД МÆ АБОН НÆ БАФÆРСИД»

Цыма ныхас бакодтой, уыйау мæм иуцалдæрæй, семæ ма ре-дакцийæ Дулаты Кæлимæт дæр, телефонæй æрбадзырдтой, ныф-фысс, дам, ма Ног азмæ исты хъæлдзæг уацхъуыд. Æмæ æз дæр сфæнд кодтон: цæй æмæ скъолайы ахуыр кæныны заманæй иу-дыууæ боны кой ракæнон – уыцы рæстæджы скъуыддзагæй адд-жындæр нæй.
…Уыдысты Джидзæлаты Владимир Лазаревичы уроктæ: фыццаг – геометри, дыккаг – алгебрæ. Ахуыргæнæг радыгæй фæйнæгмæ кæны ме `мкъласонты, фæлæ сæ иу дæр теоремæ нæ сахуыр код-та. Æз та мæ зæрдæ дардтон, кæд мæ абон нæ бафæрсид, зæгъгæ, уымæн æмæ мæ знон бафарста. Гъемæ сихорæй изæрмæ, нæ цæхæрадоны цы бæрзонд æвæрд халагъуд (вышка) уыд, уым библиотекæйæ ист чиныг фæкастæн.
Мæ уды быцъынæг тонын, кæд исчи радзурид хæдзармæ хæслæвæрд æмæ урок фæуид, зæгъгæ, фæлæ кæм ис ахæм амонд мæгуыр лæджы! Хъусын Владимир Лазаревичы хъæлæс: «Кларæ, рацу ды фæйнæджы цурмæ». Раст мыл цыма фыцгæ дон æрбакалд-æуыд, уыйау фæдæн, мæ зæрдæ йæхи къултыл схоста. Ноджы ма йæ ныхасыл куы бафтыдта: «Кларæ арт у, арт, рацу-ма æмæ сын байгом кæн сæ хъустæ».
Рацыдтæн, уæдæ цы кодтаин, фæлæ, кæй зыдтон, уыдон дæр сæр нал ахсы. Ахуыргæнæг мæм фæрсæджы каст æрбакодта, арф ныуулæфыд æмæ мæ фæрсы:
- Рынчын мыййаг нæ дæ?
- Нæ, - зæгъын, - райсомæй дзæбæхæй рабадтæн.
- Уæдæ хуыздæр цæуыл хъуыды кодтай?
- Кæй бакастæн, уыцы чиныгыл, - æмæ йын радзырдтон мæ хабар.
Ныр кълас худæгæй мæлы. Ахуыр-гæнæг дæр ныххудт. Йæ къухы ручкæ, афтæмæй стъолы размæ бацыд. Мæхинымæр хъуыды кæнын: «Ныртæккæ мын «2» сæвæрдзæн». Цыма мæ нозт ссыд, уыйау цымыдисæй кæсын Владимир Лазаревичы къухмæ - цыдæртæ ... Читать дальше »
Категория: ИРОН | Просмотров: 13 | Дата: 12.01.2012 | Рейтинг: 0.0/0 | Комментарии (0)

1 2 3 ... 13 14 »
Copyright MyCorp © 2012
Поиск
Календарь
«  Февраль 2012  »
ПнВтСрЧтПтСбВс
  12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
272829
Архив записей
Погода в Моздоке
  • Создать сайт
  • Все для веб-мастера
  • Программы для всех
  • Мир развлечений
  • Лучшие сайты Рунета
  • Кулинарные рецепты
  • Конструктор сайтов - uCoz