ÆГЪДАУ У ЦАРДЫ ФИДЫЦ, ÆГЪДАУ БЫЦÆУ КÆНЫНÆН НÆУ
Куыд хуыздæр æмбарын кæнон æгъдауы мидис кæстæртæн, уымæй фарстон иу зæронд лæджы. Уый та йæ сæр батылдта: «Мах рæстæджы хистæртæ æгъдæуттыл тæрхæттæ кæнын нæ уагътой. Æгъдау хъæуы æххæст кæнын æмæ уынын, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, «фендджын адæймаг у» кæнæ «æз дæр мæ фыдæлтæм федтон ахæм æгъдау», зæгъгæ. Чи куыд æмбары æгъдау, ууыл дзурын иугæр куы райдайой, уæд тæссаг у бы-цæуныхасæй, уымæн æмæ ирон адæммæ хæдзарæй-хæдзармæ дæр хицæн хуыз ис æгъдауæн…». Ахæм быцæуныхас рацыд нæ газеты мыхуыргонд æрмæджы тыххæй. Телефонæй нæм хистæртæ дзырдтой, Веселæйы хъæуы хистæртæй иу – Медойты Барис та нæм фыстæг æрбарвыста. Цыбыргондæй йæ мыхуыр кæнæм. «Дисы мæ бафтыдта 15 майы «Мæздæггаг фидиуæджы» Мæздæджы районы «Ныхасы» сæрдар Гаситы Зауырбеджы æрмæг «Хæрнæджы фынджы æгъдау» (Агънаты Гæстæны чиныгæй ист). Ирыстоны адæмы схъуырмæ кодтой ирон фынджы æгъдæуттыл тæрхæттæ. Бæргæ, ирон æгъдæуттæн академи куы уаид, уæд, уый каст чи фæци, уымæй зæгъиккам «ахуыргонд у», зæгъгæ. Фæлæ махæн не `гъдæуттæ гуырынц адæмы æхсæн: хистæртæй – коммæгæс кæстæртæм. Вæййы афтæ дæр æмæ кæрæдзийы хорз нæ бамбарынц. Иухатт уазал заманы кæстæртæн арахъ тæвд басы æвæрын кодтой, уыдон та, хистæр загъта, зæгъгæ, арахъ флягæйæ басы аджы ныккодтой… Æвæццæгæн, Гаситы Зауырбег дæр фæхæст Агънаты Гæстæны 1999 азы æрмæгыл æмæ йæм æххæст кæнынмæ бавдæлд! Фенæм ма иннæ ахуыргонд адæмы æрмæджытæ. Иу фарстамæ æркæсæм æрмæстдæр – æртæ чъирийы æви дыууæ кæрдзыны сты æвæргæ хæрнæджы фынгыл хистæры раз. Æппæтирон адæмон Совет «Стыр Ныхасы» æмбырд сфидар кодта ирон адæмы цин æмæ зианы æгъдæуттæ, мыхуыргонд æрцыдысты газет «Рæстдзинады» 25 апрелы 1998 азы: «Зианы фынгыл хистæры раз æвæрæм дыууæ чъирийы, сæр æмæ бæрзæй». Æртæ чъирийы цы нысан кæнынц, марды конды дзы дыууæ йедтæмæ цæуылнæ æмбæлы æвæрын, ууыл дзурæг сты Дзадзиты Алыксандры, Цгъойты Хазбийы, Аккаты Мураты, Мырзаганты Махары æмæ бирæ æндæрты иртасæн статьятæ. (Медойты Барис æрхаста 12 цитатæйы алыхуызон æрмæджытæй – ред.). Мамиаты Таймураз, мыккаджы «Ныхасы» хистæр, фыста «Рæстдзинады» 2004-æм азы: «Марды конды фынгыл ацы æртæ æви дыууæ чъирийы æвæрыны фарста афтæ тынг ныссуйтæ æмæ нылхынцъытæ, æмæ йын бæлвырд ничиуал ницы зоны. Бынаты номыл хыссæйы сæрæй цы æртæ чъирийы скæнынц, уыдон сыхы хистæр скувы мæрдджынтимæ. Уыйфæстæ бадты фынгыл хистæрты раз æрæвæрынц дыууæ кæрдзыны æмæ дарддæр се `гъдау кæнынц». Иудзырдæй: цины фынгыл æвæрæм æртæ чъирийы, хæрнæджы фынгыл та – дыууæ кæрдзыны, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ. Æз дæр зноны лæппу нал дæн, - фыссы дарддæр Медойты Барис, - бирæ фæлæггад кодтон нæ дыууæ хъæуы зианты дæр, нæ уæллаг æфсымæртæм дæр. Никуы федтон зианы фынгыл æртæ чъирийы. Гаситы Зауырбег, нæ районы «Ныхасы» сæрдар, зондамонæг хистæрыл нымад у, фæлæ ма уымæй хистæртæ дæр, Хуыцауæй разы, ис. Æмæ йæм кæд исты зондджын ныхас фыссинаг вæййы, уæд-иу æй сонтæй газетмæ ма радтæд, фæлæ-иу районы хъæутæй «Ныхасмæ» хистæрты æрæмбырд кæнæд æмæ йæ уыдонимæ сфидар кæнæд. Чи зоны, кæрæдзийы хуыздæр бамбардзысты, иу æгъдауыл баныхас кæндзысты æмæ йæ газеты уынаффæйы хуызы фыссын дæр нал ба-хъæудзæн уæд. Курын ныммыхуыр кæнын Мæздæджы районы «Ныхасы» уæнгты номхыгъд.» Хъыгагæн, нæ чысыл газетæн уыйбæрц фадæттæ нæй æмæ дзы Мæздæджы цæрæг адæмы æгъдæуттыл æрмæджытæ мыхуыр кæна. Хуыгаты Славик 2006-æм азы, районы «Ныхасы» сæрдар уæвгæйæ, куыста газет «Ныфс» аразыныл (йæ къухы дзы бафтыд рауадзын 4 номыры). Республикон газет «Рæстдзинад» у, ирон æгъдæуттæ зонын кæй фæнды, уыдонæн хæзнадон. Ис газет «Стыр Ныхас» дæр. Табуафси, рафыссут сæ, кæсут æмæ, чи зоны, быцæуныхасæн не `хсæн бынат нал уыдзæн. Æрмæг бацæттæ кодта
БÆЗЫТЫ Л.
(Отзыв Б. МЕДОЕВА на статью председателя Моздокского районного «Ныхас»-а З. ГАСИЕВА о поминальных обрядах).
|